preloader
сейчас в эфире
22:15
СЕВЕРНЫЙ КАВКАЗ 12+
Смотрите Далее
22:30
СПЕКТАКЛЬ "ХЪÆЗДЫГ ХÆДЗАР" 12+
ТВ ПРОГРАММА
СЕВЕРНЫЙ КАВКАЗ 12+
close

Ахуырадон программæ “Ирыстоны æхсар”-ы архайджытæ сарæзтой лæгдзинады урок боксы клуб “Аллон”-ы

28.05.2026 13:24

Уазӕгуаты сæм — программӕ “Ирыстоны æхсар”-ы архайджытӕ Гобеты Максим, Уырысты Владимир, Дзитойты Руслан æмæ Гуыбаты Хъазыбег. Хӕрз ӕрӕджы дӕр ма тохы раззаг рӕнхъыты уыдысты. Хъахъхъӕдтой Райгуырӕн Бӕстӕ. Абон та сты лӕгдзинады урочы хъайтартæ. Æвзонг спортсментӕм бирӕ фæрстытӕ ис.

Боксы клуб “Аллон”. Абон тренировкӕ фæткмæ гӕсгӕ нӕ цӕуы. Уазӕгуаты сæм — программӕ “Ирыстоны æхсар”-ы архайджытӕ Гобеты Максим, Уырысты Владимир, Дзитойты Руслан æмæ Гуыбаты Хъазыбег. Хӕрз ӕрӕджы дӕр ма тохы раззаг рӕнхъыты уыдысты. Хъахъхъӕдтой Райгуырӕн Бӕстӕ. Абон та сты лӕгдзинады урочы хъайтартæ. Æвзонг спортсментӕм бирӕ фæрстытӕ ис.

Уырысты Владимир хорзӕхджын у “Ирыстоны кадӕн” майданӕй. Фӕлӕ абон дзуры ӕндӕр, ӕппӕты сӕйрагдӕр хӕрзиуӕгыл. Лӕппутӕ хъусынц сӕ улӕфт ныууромгӕйӕ. Ахсынц алы дзырд дӕр. Уыдонӕн уый ахсджиаг урок у.

Ныхас — уыцы иу. Тохтыл, хӕсыл, Фыдыуӕзӕг уарзыныл. Фӕсивӕды раст дæнцæгыл схъомыл кӕнын. Абон уый у сӕйраг хӕс.

Ахсджиаг ныхасы фӕстӕ — спорты рӕстӕг. Гобеты Максим канд Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты æмбырды сæрдары хӕдивӕг нӕу. У олимпаг резервы скъолайы тренер дӕр.

Комбинацитыл бакуыст. Спорты мастер Цӕлойты Сӕрмӕт фæсивæдæн скодта тренировкӕ. Ахæм зын уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдысты æвзонг боксертӕ. Фӕлӕ сын профессионалы уынаффӕтӕ бӕлвырд бабӕздзысты.

Архайдмæ йӕ хъус дары клуб “Аллон”-ы тренер Цӕлойты Гиуæрги. Уырны йӕ: ацы фембӕлд у тыхджын разӕнгардгӕнӕн фӕрӕз. Лӕппутӕ цӕудзысты ӕрмӕстдӕр размӕ.

Ахсджиаг ныхас æмæ рæсугъд спорт. Лӕгдзинады урок фӕрӕстмӕ. Йæ аразджытæ разы сты фӕстиуӕгӕй.

Æвзонг боксертӕн ацы урок у фыццаг. “Ирыстоны æхсары” ветерантӕ семæ зæрдиагæй фембæлдысты. Сӕйрагдӕр та уый у, æмæ лӕгдзинады хор байтыдтой æмæ ныридӕгӕн радта ӕвзартӕ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
22.10.2026 I Бизнес сфера
22.10.2026
22.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
22.10.2026
22.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.10.2026
Детские пособия в 2026 году | Среда влияния
21.10.2026
Лидия Цалиева I Истории из жизни
21.10.2026
Мечи и луки I Доброе утро, Осетия!
21.10.2026
Дæрддзæф хъæуты скъолатæ æмæ хæринаггæнæджы бон | Йæ рæстæгыл
20.10.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 20.10.2026
20.10.2026
19.10.2026 I Самое время
19.10.2026
Студенты со всего света I Доброе утро, Осетия!
19.10.2026
В итоге: 18.10.2026
18.10.2026
Секреты приготовления настоящего осетинского сыра I ИрониЯ
18.10.2026
Василий Марзоев I Защитники
18.10.2026
Алиса Гокоева I Tabula Rasa
17.10.2026
Дзотты бинонтæ | Бинонтæ
17.10.2026
Все рекомендуемое