Къонайы алыварс 3 хатты ӕрзилын ӕмӕ ард бахӕрын. Ног бинонтæм бакъахдзæф кæнгæйæ, къӕсӕрыл къах ӕрӕвӕрыны размӕ чындз хъуамӕ зӕрдӕ бавӕра, артдзӕст — хæдзары уд кӕй хъахъхъӕндзӕн, уымӕй. Ӕнӕ уый иу мадзал дӕр нӕ фидыдта — райгуырдæй мæлæты онг. Цыхуызæн уыд къона, уый абон фенæн ис Алагиры музейы.
Ацы къонайыл сæдæ азæй фылдæр цæуы – раздæр экспозици уыд бакомкоммæ цы аргъуан ис, уым. 26 азы размæ зонадон кусджыты æмæ районы культурæйы управленийы хицау Дзугкойты Дзамболаты фæрцы экспонаттæ рахастой ног бæстыхаймæ. Афтæ равзæрд Алагиры музей, абонæй цавæрæй зонæм ахæм.
Алы дзаума дæр æрмæст историйыл дзурæг нæу, фæлæ ма бирæ азты дæргъы егъау наукон куыстытыл дæр. Экскурсоводтæ цæттæ сты сахатгай дзурын рагон уæлæдарæсы, агуывзæты, кæнæ зæгъæм бандæтты тыххæй.
Бандоныл цы сыкъатæ йы, уыдон æрмæст аивдзинадæн не ‘сты, фæлæ ма уæлдæрдзинад æмæ кады нысан. Экспонат у хæххон хъæуæй, музейæн æй балæвар кодтой иу бинонтæ. Ныр бандон – экспозицийы ахсджиагдæр æмæ рагондæр дзауматæй иу у.
Нæ рох кæнынц музейы нырыккон истори дæр. Уымæн нысангонд у сæрмагонд стенд Алагирæй рацæугæты къамтимæ. Ам хъуыстгонд ахуыргæнæг Роальд Каупуш, хъæбысæйхæцæг Хъуппеты Игорь æмæ Зæнджиаты Бæбу, музейы бындурæвæрæг.
Йæ хорздзинæдтыл ын бирæ дзурын ис, уый уæззау рæстæг бахъахъхъæдта Алагиры аргъуан æмæ фыццаг сфæнд кодта бынæттон музей саразын. Зæнджиаты Бæбуйы фæрцы сывæллæттæн фадат ис сæхи горæты бæлвырддæр историимæ базонгæ уæвын.
















