Абон райдыдтой æмæ ма райсом дæр цæудзысты. Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы райдыдтой антитеррористон ахуыртæ. Сарæзта сæ республикæйы оперативон штаб.
Архайгæ та дзы кæнынц Æдасдзинады Федералон службæ, мидхъуыддæгты министрад, Уæрæсейы Гварди, Хъахъхъæнынады министрад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты разамынды тыхтæ. Хъуамæ сфæлхат кæной сæрмагонд хæслæвæрдтæ, барадхъахъхъæнджытæй йæхи чи `мбæхсы, уыцы фыдгæнджыты къордты рохтыл æрхæцынæн.
Оперативон штабы уæнгтæ ма ахуырты тыххæй иу хатт сидынц Рахизфарсы районы цæрджытæм, цæмæй сæрмагонд мадзæлттæй ма тæрсой æмæ сæхи сабыр дарой. Курæг сæ сты, цæмæй барады кусджыты ма хъыгдарой, ма парахат кæной æнæхъуаджы цъиувæдисы æууæлтæ. Ахуырты рæстæг сæрмагонд службæтæ пайда кæндзысты алыхуызон техникæйæ, фæлæ уыдон адæмæн знаггад не `рхæсдзысты.
















