16-æм майы, æрмæст 1985-æм азы Советон Цæдисы райдыдта карз нозты ныхмæ æппæтбæстон кампани. Сырдоны цæссыджы ныхмæ бадзырд бафыстой Советон Цæдисы уæлдæр Советы æмбырды.
Хъæбæр нозтæй адæмы бахизын сфæнд кодта бæстæйы разамынд. Цæрджыты `хсæн сæ фæндыд æнæниз цардыуаг парахат кæнын. Бадзырд кæд æнæниз цард фидар кæныны сарæзтой, уæддæр бæстæйы экономикон æмæ политикон æууæлтæй кодта хицæн. Бæстæйы уавæр сæ хуыздæртæй нæ уыд. Хи æгъдауæй карз нозт чи уагъта, уыдоны тæрсын кодтой ахæстонæй æмæ егъау ивартæй. Уæдæ продукцийы хæрзхъæддзинад дæр сæ хæрзтæй нал уыд. Карз нозт чи уæй кодта, уыцы дуканитæм та-иу адæм боныцъæхтæй фæстæмæ рады слæууыдысты. Фæзынд «суррогат» кæй хонынц, ахæм нозт. Бирæтæ дзы-иу хъæстæ дæр фесты. Суанг ма афтекты спъиртыл конд хостæ дæр нал уыд.
Адæм бавдæлдысты æмæ сæхæдæг уадзын райдыдтой сæнтæ, шампайнаг, коньяк æмæ нозты æндæр хуызтæ. Паддзахады тох кодтой сæнæфсиры талатимæ дæр – се `ртыккаг хай сын бындзарæй ныццагътой. Цырд фæлæууыдысты радио æмæ телеуынынад, кодтой пропагандæйы куыст. Карз нозты ныхмæ кампани цыдис 1989-æм азмæ.
















