Аив дзырды æппæтадæмон конкурс “Живая классика”-йы регионалон къæпхæн ацыд наукон чиныгдоны. Ерыстæ нымад сты бæстæйы кадджындæртæй иуыл. Скъоладзаутæ уырыссаг æвзагыл кастысты прозæйы фыст скъуыддзæгтæ сæ уарзондæр уацмыстæй. Равзарæн уыд куыд нæ бæстæйы, афтæ фæсарæйнаг фысджыты сфæлдыстад. Конкурсы архайдтой мин фондз сæдæ сывæллоны, сæ кар 10-æй 17 азы онг Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй. Уыдонæй равзæрстой 27 адæймаджы.
Æртæ хуыздæр архайæджы та арвитдзысты сывæллæтты центр “Артек”-мæ. Уым уыдзæн æрдæгфинал æмæ финал. Кæрæнбæттæн ацæудзæн Мæскуыйы. Æрæмбырд дзы уыдзысты алы бæстæтæй фæсивæд. Чызджытæ æмæ лæппутæ сæ цæттæдзинад равдисдзысты Сырх Фæзы, фадат сын уыдзæн суанг Борис Щукины номыл театралон институтмæ бахауын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2023-æм азы конкурсы уæлахиздзау сси Реуазты Данæ.
















