Дӕсгай азтӕ ӕнӕ лӕггадӕй. Алагиры донцъирæнтæ афтӕ заууат уыдысты, ӕмӕ сын ӕдасӕй кусӕн нӕ уыд. Уавæр фæивта, объекттӕ Доны куыстуаты бæрны куы бакодтой, уæд. Специалисттæ фыццаджыдæр раиртæстой, æвæстиатæй аиуварс кæнын цы хъæндзинæдтæ хъуыд, уыдон. Ихсыд хæйттæ, æндоны згæтæ æмæ æхгæнæн арматурæйы сæстытæ. Уый фӕстӕ бавнӕлдтой бындурон цалцӕгмæ.
Уыимæ ма Рамоновойы, Црауы æмæ районы иннæ хъæуты. Дарддæр донæмбырдгæнæн сифтонг кӕндзысты дон хæрзхъæд кӕнынӕн. Уыцы иу рӕстӕг специалисттӕ ногæй раивдзысты дондзæуæн хызтӕ дӕр.
Дондæттæн хызтӕ фæзындысты “Мамысон”-ы дӕр. Ӕрвылазон курорты баххæст кодтой скважинæтæ ауадзыны фæдыл куыстытæ, сраст кодтой ӕхгӕнӕнтӕ ӕмӕ сбӕрӕг кодтой доны хӕрзхъӕддзинад. Дыууæ мин дыууын цыппæрæм азæй Доны куыстуаты специалисттӕ бакодтой егъау ӕмӕ комплексон куыст.
Хӕстæгдæр рæстæг цалцӕг кӕнын райдайдзысты Къодахджыны сӕйраг донуадзӕн. Уым аиваздзысты дыууӕ километрӕй фылдӕр нырыккон хызтӕ. Куыстуаты специалисттӕ ма сӕххӕст кодтой иу ахсджиаг хӕс — ныр æхсæвæй-бонæй æппæт фарстатæн дæр дзуапп дæтты аварион-диспетчерон службӕ.
Алывæрсыг рацарæзт райдыдта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады райрæзты фæдыл пилотон проекты Цæгат Ирыстоны архайды фæдыл Сергей Меняйлойы уынаффæйы фæстæ. Куыст цӕуы нысангонд фæткмæ гӕсгӕ. Доны куыстуат дарддæр дæр ног кӕндзӕн Алагиры районы донӕввонгады системӕ.
















