Ольга Красовскаяйӕн ис дыууӕ сывӕллоны, сты йын скъоладзаутӕ. Куыд зæгъы, афтæмæй ахуыры аз райдианы размӕ Уӕрӕсейы Социалон фондӕй ног ӕрвылазон фиддон сси хорз финансон ӕххуыс. Ольгӕ балхӕдта канцтовартӕ, формӕ, ведомствæйы кусджытæй у бузныг тагъд ӕмӕ ахадгӕ архайды тыххӕй.
Дыууæ мæймæ Социалон фонды республикон хайад ног фиддонæн кусӕг ныййарджытӕн радих кодта 330 милуан сомы. Алы бинонтӕн дӕр йæ бæрц алыхуызон у. Аразгæ у æфтиæгтæй. Ӕххуысы фæрæз райсын йæ бон у алы куыстхъом адӕймагӕн дӕр дыууӕ кӕнӕ фылдӕр сывӕллонимӕ 18 кӕнӕ 23 азы онг, комкоммӕ ахуыр кӕнгӕйӕ. Хъӕуы, цӕмӕй курдиат раттæг уа Уӕрӕсейы гражданин ӕмӕ æппынæдзух цӕра бӕстӕйы.
Уыимæ æххуыс исæгæн йæ æфтиæгты рæстæмбис бæрц хъуамӕ ивгъуыд азы республикӕйы фӕцӕрӕн фæрæзты æппынкъадæр бæрцæй фылдӕр ма уа. Цӕгат Ирыстоны уый у 23 мин 940 сомы. Уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ афӕдз иу хатт бафидын сӕ бон у дыууӕ кусӕг ныййарӕгӕн дӕр, куы ахицӕн уой, уӕддӕр. Фӕлӕ ахӕм уавӕры ӕнӕмӕнг домӕн у, алименттӕй хӕс кӕй нӕй, уый.
















