15-æм апрелæй фæстæмæ гæххæттытæ исын райдайдзысты Суворовы номыл Цæгат Кавказы æфсæддон училищæмæ. Ныр та уал фидæны кадеттæн сарæзтой гом дуæртты бон. Æрбацæуджытæ иууылдæр ахуыры фæткимæ базонгæ сты. Æнцон сын кæй нæ уыдзæн фыццæгты, уый дæр сæ нæ басусæг кодтой. Æфсады уагæвæрдæй ницæмæй хицæн кæны. Фæлæ ацы зындгонд ахуыргæнæндонмæ бахауын уæддæр бирæты фæнды. Иу бынатмæ фондзæй æрбацæуынц. Ссæуынц æм суанг Уæрæсейы дард регионтæй дæр.
Фидæны офицертæ æмæ булкъонтæ. Кадеттæ хъæлдзæгæй сæмбæлдысты, йæ цард æфсадимæ сбæттын кæй фæнды, уыцы æвзонг лæппутимӕ. Ахуыргæнæндонмæ саккаг кодтой Донбассы сывæллæттæ дæр. Училищæйы разамонæг Тауытты Руслан ныййарджытæн радзырдта ахуыры уавæрты тыххӕй.
Ацы æрыгон адæммæ æфсæддон хъуыддаг тынг цымыдисаг кæсы. Училищæйы хъомылгæнинæгты алы архайдмæ дæр се ‘ргом здахынц. Фæнды сæ бафæзмын. Уазджыты ‘хсæн ис, йæ фыдæлтæ æфсæддонтæ кæмæн уыдысты, ахӕмтӕ. Гæлуаты бинонтæ ацы хъуыддаг кад æмæ радимæ æххæст кæнынц æнусмæ хæстæг. Суворовы номыл училищæйы ахуыр кӕны бæстæйы 17 регионæй æмæ Хуссар Ирыстонæй 364 адæймаджы. Сæ фылдæр ахуыры дыккаг азмӕ фидарæй фæзонынц, фидæны цы дæсныйад равзардзысты, уый.
Суворовы номыл училищæйы хъомылгæнинæгты фыццаг бонты базонгæ кæнынц нысангонд фæткимæ. Æнцон нæу. Æфсадмæ хæстæг у. Фидæны сын æххуыс цы хъуыддæгтæ уыдзысты, уыдонимæ сæ базонгæ кодтой. Кадджын мадзал расайдта æхсызгон фембæлдмæ. Базонгæ сæ кодтой кадетты цардимæ. Фыццаджыдæр, училищæйы фидæны хъомылгæнинæгтæн радтой сæрмагонд уæлæдарæсы æппæт хуызтæ. Æдæппæтæй сты 15.
Федтой чиныгдон дæр. Ифтонггонд у чиныгкӕсӕн электрон залæй. Училищæйы историйы музейы ис 1000 экспонаты. Скъоладзаутæ йæ ныр фидарæй зонынц, ам дисциплинæмæ фыццаг бонæй дӕр бæстонæй кӕй кæынц, уый. Училищæйы хъомылгæнинаджы хуыссæн алкæддæр вӕййы аив æфснайд, къахыдарæс – сыгъдæг, дзаумӕттæ дæр сæ бынæтты æвæрд. Ясиноватая æмæ Горловкайы сывæллæттæ ахæм объекты фыццаг хатт сты. Сæ цины æнкъарæнтæ æмбæхсгæ дæр нæ кæнынц.
Училищæйы фидæны хъомылгæнинæгтæ федтой уæлæмхасæн ахуырады кълæстæ дæр. Корпусты — техникон, æфсæддон-историон æмæ авиамоделон кусæн уаттæ. Автомобилон цæттæдзинад æмæ робототехникæйы кълæстæ. Интерактивон тиры та ахуыр кæнынц хæцæнгарзæй архайыныл. Æдæппæтæй сты 10 хуызы.
Сывæллæттæ сӕ ныййарджытимæ федтой, кадеттæ спортæй куыд архайынц, уый. Рог атлетикæ, æфсæддон къуххæст, самбо, ленк кæнын. Уыимæ ма мини-футбол, гандбол, волейбол, баскетбол. Документтæ исын райдайдзысты 15 апрелы. Июны – æвзарæн фæлварæнтæ. Бæрæггæнæнтæ арвитдзысты Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрадмæ, уый фæстæ ведомствойы указмæ гæсгæ Суворовы номыл Цæгат Кавказы училищæмæ райсдзысты 80 ног кадеты.
















