Федералон закъонӕвӕрдӕн республикӕйы культурон объектты хьахъхъӕнынад ӕмӕ сӕ пайдакӕнынады кӕмитеты сæрдар Æгайты Эмилияйы йæ куысты бынатæй суæгъд кодтой. Уый тыххæй указ бафыста республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Абон ма регионы разамонæг Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрæй сфидар кодта Алыбегты Эллæйы. Раздæр уыд министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.
















