Дала, хъисын фӕндыр, æмæ æндæр националон инструменттæ. Æнæ уыдонæй ирон цагъд фидаугæ дæр нæ кæны. Æгас Цæгат Кавказы ис æрмстдæр иу æрмадз, ахæм инструменттæ кӕм аразынц, æмæ ис Дзæуджыхъæуы. Фæлæ дыууæ азы размæ куыстуатыл æрцыд æвирхъау цау. Сæ бæстыхай басыгъд. Куыст ногæй сæ бон æмбæлгæ уагыл рацаразын не сси.
Дыууадæстæнон, дала ӕмӕ хъисын фæндыртӕ, уыдоны хыгъды ма фæндыр æмæ къæрцгæнæнтæ. Æнæ уыдоны зæлтæй кавказаг традицион музыкæ фидаугæ дæр нæ кæны. Цыдаты Николай ацы дæсныйадæн снывонд кодта йæ цард, афтæмæй ныр 35 азы дæргъы æвæллайгæйæ аразы национ инструменттæ. Уыйбæрц музыкалон инструменттæ скæнын бафтыд йæ къухы, æмæ сын сæ нымæц йæхæдæг дæр не`рхъуыды кæндзæн. Ныртӕккӕ та архайы полутонтимӕ фæндыр саразыныл. Иу фӕндыр сцӕттӕ кӕнынӕн бахъæуы дыууæ мæйы.
Дарддæр дзаума арвитынц, тæнтæй сæ кӕм баххæст кæнынц, уыцы цехмæ. Ам инструмент цы хуызы азæлдзæн, уый кусджыты дæсныдзинадæй аразгæ у. Ахсджиаг у раст фæнысан кæнын йӕ зылангон уаг æмæ тæнтӕ бафидар кӕнын. Науӕд фӕндыр бахъæудзæн райхалын æмæ ногæй ӕмбырд кæнын.
Цымыдисаг у, инструментты куыст куыд рацаразынц, уый дæр. Дзырдæн зæгъæм, фæндыры хæрздхъæддзинад бæлвырд кæнынц, куы йæ фембырд кæнынц, уæд. Уыцы æфсæйнаг лыстæг хæйттæ хонынц хъæлæстæ. Уыдон схъæздыг кæнынц фæндыры зæлтæ алкæмæндæр зонгæ мыртæй. Сæрмагонд аппаратæй сæ æнæаипп скæнынц, ӕмӕ йӕ уыцы хуызы бафидар кæнынц.
Цалынмæ иу дæсны фӕндырӕн йӕ зæлынад бæрæг кæны, уæдмæ йын иннæ та бацæттæ кæны тӕнтӕ. Электрокартон ыл баныхасынц. Дарддæр та – сæ фæлтæрддзинад æмæ сæхæдæг.
Аивадон атмосферæ национ хуызы фæлгонцимæ. Фыццаг бакастæй алцыдæр у зæрдæмæдзæугæ, куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ ам дæр ис лыггæнинаг фарстатæ. Ацы дæсныйадæн фесæфынæй у тæссаг. Куыстуаты минæвæрттæ сæ тых, сæ хъару æрбамбырдгæнгæйæ, сфӕнд кодтой æнæкоммерцион автономон куыстуат байгом кæнын. Æрмæст иу нысанимæ: нæ фыдæлтæ нын цы зонындзинæдтæ ныууагътой, уыдон бахъахъхъæнынмæ.
Екатеринæ Селезнёвæйы проект «Сохранение музыкальных традиций Кавказа в современности» банымадтой конкурс «Мой проект – моей стране»-йы хуыздæрыл. Проекты сæйраг хъуыды у куыстуат «Фæндыр»-ы адæмон æмæ аивадон дæсныдзинад бахъахъхъæнын æмæ апарахат кæнын. Фæлæ куыстуаты куыд зæгъынц, афтæмæй, кусджытæ кæй нæ фаг кæны, æрмæст уымæй нæ тыхсынц.Раздæр цы куыстуаты куыстой, уым дыууæ азы размæ уыд зынгсирвæзт. Рæстæгмæ сӕ бахъуыд бацахсын сыхаг бæстыхай. Уым дæр кусынц къуындæджыты. Республикæйы хицауад сын зæрдæ бавæрдта фарста аиуварс кæнынæй, фæлæ æмбæлгæ бæстыхай нырма не`ссардтой. Уæдмæ та уал, национ музыкалон культурæ цырагъау чи хъахъхъæны, уыдоны фæнды æмбæлгæ уавæрты кусын æмæ рæзын.
















