Хи хъуыддаг байгом кæнын æмæ йын йæ райрæзтыл бакусын – ацы æмæ æндæр хъуыддæгтыл дзырдтой Дзæуджыхъæуы амалхъом адæм. Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй æххуыс алыхуызон у. Зæгъæм, гранттæ республикæйы фæрæзтæй дих кæнынц.
Стыр æххуыс кæны Уæрæсейы амалхъом адæмы корпораци дæр. Йæ минæвæрттæ æмбырды архайджытæн радзырдтой кредитон хъуыддæгты тыххæй. Сарæзтой сын семинартæ æмæ тымбыл стъолтæ. Се `ргом ма аздæхтой хъæууон хæдзарады куыстуæттæн æфстæуттæ, лизинг æмæ льготæтæ ныффидар кæнынмæ.
Цæгат Кавказмæ корпораци стыр æргом здахы. Ивгъуыд аз ацы регионæн радих кодтой 9 миллиард сомы. Цæгат Ирыстоны амалхъом адæмы проекттæн дæр æхцайы фæрæзтæ ссардтой.
















