Дзæуджыхъæуы æмзай-æмзæронд цы `мкъæйттæ баисты, уыдонæн ракодтой зæрдиаг арфæтæ. Æдæппæтæй 20 бинонтæн. Мадзал сарæзтой «Рука помощи» æмæ «Добро народу», зæгъгæ, фонды хъæппæрисæй. Се `хсæн ахæм къæйттæ дæр ис, æмæ иумæ 65 азы чи фæцард.
Бинонтæ радзырдтой амондджын царды сусæгдзинæдтæ.
Зæгъæм, Карсанаты бинонтæ иумæ 59 азы сты. Цардæмбæлттæ куыд зæгъынц, афтæмæй бинонты сæйрагдæр хъæуы кæрæдзийы æмбарын æмæ нымайын.
















