Архонкæйы кæрон цæрджытæ кърантæй нуазыны дон цы у, уый хъуыды дæр нал кæнынц. Циаля Гудишвили йæ бинонтимæ ам 8 азы размæ æрцард. Тыхсынц, дон сæм кæй нæ цæуы, уымæй. Æрвылбоны куыстытæ сылгоймаг кæны ласæггаг донæй, уæлæдарæс æхсынмæ та алы хатт араст вæййы Дзæуджыхъæумæ.
Архонкæйы дон къуылымпытимæ кæй цæуы, уый абоны фарста нæу. Йæ аххосаг бæрæг у – хæтæлтæ базæронд сты æмæ сæ хъæуы баивын. Станицæйы цæрджытæ арæх баззайынц æнæ донæй, уæлдайдæр та хъæугæрæтты цæрджытæ. Хъуыддаг хорзы ‘рдæм раивыны фæдыл бынаты къахынц цъастæ. Æмткæй райсгæйæ, мæнæ ацы уаддзагыл уыдзæн æртæ ног донцъирæны. Фыццаг ныридæгæн ныкъахтой 150 метры бæрц. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хъæуы объекты хицæндзинæдтæ раиртасын, цæмæй технологи хæлд ма æрцæуа. Сæйрагдæр у станицæйы цæрджыты нуазыны донæй бафсадын.
Куыстытæ фæуындвæнд кæнынц цыбыр рæстæгмæ. Арæхдæр ахæм цъастæ скъахынæн бахъæуы цалдæр мæйы. Фæлæ донæй æфсадæг республикон куыстуаты специалисттæ зæрдæ бавæрдтой 2-3 къуыримæ хъуыддаг баххæст кæнынӕй. Уымæй уæлдай ма сын сæ алыварс дæр саив кæндзысты. Пъланмæ гæсгæ дзы хъуамæ уа æххæстæй донцъирæн объект.
















