Арвыкомы фæндаг гом у хæдтулгæты æппæт хуызтæн. Контролон-уадзæн пункт “Уæллаг Ларс”-ы паддзахадон арæны сæрты ахизынмæ рады ис 3 мин уæзласæн машинæмæ хæстæг. Сæ æрдæг лæууынц сæрмагонд æрлæууæн бынæтты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ивгъуыд къуыри тыхджын митуарды тыххæй Арвыкомы фæндаг сæхгæдтой цалдæр хатты.
Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гæсгæ республикæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад равæрдта 2 хъармгæнæн пункты, рад дзы хæссы тагъд æххуысы бригад. Таможнæйы пост “Уæллаг Ларс” кусы нысангонд фæткмæ гæсгæ, кæд ыл уæлдай уæзæвæрд ис, уæддæр. Фæстаг 7 бонмæ контролон-уадзæн пункты сæрты ахызтысты автотранспорты 10,5 иуæджы æмæ 25 мин адæймаджы. Йæ хъомысадмæ гæсгæ дзы дыууæ ‘рдæм ахизынц 1,5 мин машинæйы.
















