Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгий арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Маратимæ бабæрæг кодтой сывæллæтты хæдзар «Хуры тын».Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, знон Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйломæ комкоммæ линийы рæстæг фæсидт директор Багаты Аннæ. Уый рахъаст кодта хъармгæнæны аварион уавæрæй. Фыццаг вице-премьер бахæс кодта арæзтады æмæ сæйраг корпусы техникон экспертизæ скæнын. Кæронбæттæн уынаффæ та рахæсдзысты лабораторийы хатдзæгтæм гæсгæ.
















