preloader
сейчас в эфире
02:01
Сомнения 12+
Смотрите Далее
06:00
МУЗЫКÆ 12+
06:25
Доброе утро, Осетия! 12+
06:45
Музыкæ 12+
02:30
Хабæрттæ ( повтор) 12+
02:50
В своем кругу 12+
ТВ ПРОГРАММА
Сомнения 12+
close

Ацы бонты Баллаты Валодяйы райгуырдыл сæххæст 115 азы

16.03.2026 15:24

Абон дæр алы кары аивадуарзджытæй рох не сты куыд йæ театралон хъайтартæ, афтæ йæ зарджытæ дæр. Баллаты Валодя уыд æцæг адæмон артист. Йæ уæздандзинад æмæ уды хъарм бавæрдта йæ алы зарæджы дæр. Уæвгæ, уыд фыццаг, ирон фæндыримæ чи азарыд. Медойты Светланæимæ цы куыстыты архайдтой, уыдонæй баххæст кодтой ирон адæмы культурæйы хæзнадон.

Ацы бонты Баллаты Валодяйы райгуырдыл сæххæст 115 азы. Цæгат Ирыстоны адæмон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист ирд фæд ныууагъта ирон культурæйы æмæ адæмы зæрдæты. Йæ бинойнаг Икъаты Бертæимæ уыдысты ирон театралон традициты бындурæвæрджыты ‘хсæн. Æмæ канд йæ театралон сурæттæй нæ, фæлæ ма йæ фæлмæн хъæлæс æмæ аив зарджыты ‘руаджы ссардта фæндаг алы ирон зæрдæмæ дæр. Баллаты Володяйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй – нæ дарддæры æрмæджы.


Йæ фæлмæн хъæлæс абон дæр рох нæу, йæ зарджытæ та систы ирон эстрадæйы бындур. Ныр дæр сæ зонынц æмæ уарзынц алы фæлтæртæ. Гыццыл Георгий ацы зарджытæм хæрз чысылæй нырмæ фæхъусы, кæд йæ фыды фыды фыды нæ æррыййæфта, уæддæр.

Чи зоны, æмæ Георгий у суинаг артист, йæ фыдæн йæ фыды фыд Баллаты Володяйы хуызон. Зоны йын йæ зарджыты ныхæстæ, фæзмыны йын йæ зард…

Йæ хъæлæс куыд фæлмæн уыд, йæ удыхъæд дæр афтæ, зæгъынц йæ кæстæртæ. Никуы скодта нæ тызмæг, нæ хъæр ныхас. Бинонтæн ацы мысинæгтæ сты тынг зынаргъ.

Цæгат Ирыстоны адæмон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Баллаты Валодя Ирон театры кусын райдыдта 1935-æм азы. Уæд каст фæцис ГИТИС. 60 азы дæргъы йæ зæрдæ не ‘сивта йæ дæсныйадыл. Театры сценæйы сарæзта бирæ сурæттæ – Батраз спектакль «Нарты Батраз»-ы, Садуллæ «Чермен»-ы, Æхсарбег «Пæсæйы фæндон»-ы, Кассио «Отеллæ»-йы, Герцог Албанский «Король Лир»-ы æмæ ма бирæ æндæртæ. «Усгур Гацийы» та йын кæд чысыл роль уыд, уæддæр адæмæн сси уарзон. Абон дæр ма Уæхæнæзы ныхæстæй адæм спайда кæнынц хуымæтæг царды.

Абон дæр алы кары аивадуарзджытæй рох не сты куыд йæ зарджытæ, афтæ йæ театралон хъайтартæ дæр. Уæвгæ йæ, театрдзаутæ уæлдай тынгдæр бауарзтой «Пæсæйы фæндоны» Æхсарбеджы роль куы ахъазыд, уæд.

Сыгъдæгзæрдæ æмæ хуымæтæг. Йæ хъайтар – Æхсарбеджы уарзондзнадыл ын театрдзаутæ дызæрдыг дæр нæ кодтой, æууæндыдысты йын йæ алы ныхасыл дæр. Уæд, премьерæйы фæстæ, «Пæсæйы фæндон» ахъазыдысты фæд фæдыл 100 хаттæй фылдæр. Ирон таеатры артист Гуыбиаты Хъазыбег амондыл нымайы, ахæм куырыхон хистæрты амынддзинæтыл кæй ахуыр кодтой, уый.

Абон дæр алы кары аивадуарзджытæй рох не сты куыд йæ театралон хъайтартæ, афтæ йæ зарджытæ дæр. Баллаты Валодя уыд æцæг адæмон артист. Йæ уæздандзинад æмæ уды хъарм бавæрдта йæ алы зарæджы дæр. Уæвгæ, уыд фыццаг, ирон фæндыримæ чи азарыд. Медойты Светланæимæ цы куыстыты архайдтой, уыдонæй баххæст кодтой ирон адæмы культурæйы хæзнадон.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Начало Великой Отечественной войны I Ход истории
19.06.2026
Фосы куыст I Хæдзарадон
19.06.2026
Адæмыхæттыты `хсæн буллинг, ирыстойнаг проект «Три столицы» æмæ сывæллæтты футболы Бон | Йæ рæстæгыл
19.06.2026
19.06 | Доброе утро, Осетия!
19.06.2026
«Школа фермера», программа «Активное долголетие» и актуальные новости прошедшей недели | Самое время
18.06.2026
Рагон кæлмæрзæн
18.06.2026
Танделаты Розӕ I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
18.06.2026
Истории из жизни I Залина Хейреддин
17.06.2026
Среда влияния I 17.06.2026
17.06.2026
Любовь Бедзоева I Дело мастера
17.06.2026
Боевые искусства I Доброе утро, Осетия!
17.06.2026
Лика Елизарова I Профессиональный путь
16.06.2026
Люпин, дикторты конкурс æмæ ансамбль «Арц-тох»-ы уæлахиз | Йæ рæстæгыл
16.06.2026
Сæрд Куырттаты комы I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
16.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 1: Осетия в контексте палеолита | «Ossetica»
15.06.2026
Все рекомендуемое