Бæстæйы хицауад адæргъвæтин кодта 2023-æм азы 1-æм декабрмæ фермерон хæдзарæдтæ æмæ хъæууон-хæдзарадон куыстуæттæн æхсыры продукци сæрмагонд нысантæй бæрæг кæныны æнæмæнг хъуыддаг. Цæмæй амалхъомадæн фадат уа сæ фæсарæйнаг кусæнгæрзтæ баивынæн. Æхсæнадон хæрæндæттæ, ахуыргæнæндæттæ, рæвдауæндæттæ æмæ рынычындæттæй æхсыр æмæ дон ӕвгты чи æлхæны, уыдоны дæр суæгъд кæндзысты сӕ маркировкæйы бæрæггæнæнтæ мониторингы системæмæ æрвитынæй.
Хицауады æххуыс ма аххæсдзæн хойрæгты дуканитыл дæр. 1-æм сентябрмæ уыдонæн дæр ис бар, цы æхсыры продукци ауæй кодтой, уыдоны бæрæггæнæнтæ иумæйаг мониторингы системæмæ ма дæттын, 2023-æм азы 1-æм мартъийы онг та, – ботълаты цы дон вæййы, уый тыххæй. Уæрæсейы премьер Михаил Мишустины ныхæстæм гæсгæ, уыцы хъуыддаг фæрогдæр кæндзæн амалхъомады административон уаргъ, стæй бæстæйы мидæггаг базарады продукцийæ æххæст кæныны хъуыддаджы фæкъаддæр кæндзæн къуылымпыдзинæдтæ.
















