preloader
сейчас в эфире
04:48
ИРОН И Я 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
05:10
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
05:40
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ИРОН И Я 12+
close

Беслæны кæронмæ фæхæццæ кæны дондзæуæн хызæгты рацарæзт

6.03.2024 13:10

Ныртæккæ специалисттæ уыцы иу рæстæг фæллой кæнынц 13 фæзуатыл, пайда кæнынц сæрмагонд техникæйы 40 иуæгæй.

Беслæн донæй цы хæтæлтæ æххæст кодтой, уыдон базæронд сты. Ивд нæ уыдысты 60 азæй фылдæр. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй куыстыты рæстæг зындзинæдтæ дæр сæвзæрд.

Ног хæтæлтæ сты полиэтиленæй арæзт. Сæ куыст 100 азæй къаддæр нæ кæндзысты. Цалцæг райдыдта дыууæ азы размæ. Ныридæгæн сног кодтой дондзæуæн системæйы 150 километры. Сæйраг хызæгтæ цæттæ сты. 8 километры та равæрдтой къæвдайы дон æмбырдгæнæнтæ. Ныртæккæ специалисттæ доны хæтæлтæ уадзынц бирæуæладзыгон хæдзæрттæ æмæ административон бæстыхæйттæм. Æдæппæтæй куыстыты архайы 13 бригады æмæ сæрмагонд техникæйы 40 иуæджы.

Беслæны доны фарста ног нæу. Цæрджытæ иу зæронд хæтæлты аххосæй æнæ донæй арæх баззадысты. Ййæфтой къуылымпыдзинæдтæ, уæлдайдæр сæрдыгон, зæгъынц цæрджытæ.

Егъау куыстытæ цæуынц «Уæрæсейы цæрджытæн коммуналон лæггæдтæ фæхуыздæр кæнын æмæ сæ æнцовадат цæрæнбынæттæй сифтонг кæнын»-ы программæйы фæлгæты. Дондзæуæн хызæгтæ баивынæн радих кодтой миллиард сомæй фылдæр. Куыстытæ цæуынц нысангонд æмгъуыдæй раздæр. Фæуындвæнд сæ кæнынц майы райдиан.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Все рекомендуемое