preloader
сейчас в эфире
08:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
08:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
08:50
МУЗЫКÆ 12+
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
09:05
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ 12+
09:35
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
УТРО. НОВОСТИ 12+
close

Беслæны медицинон центры дохтыртæ скодтой зæрдæйæн уæззау операци

3.02.2022 13:50

Ахæм операцитæм стыр сахарты дæр фылдæр хатт сæ ныфс нæ бахæссынц.

7 сахаты бæрц 15 дохтыры Беслæны медицинон центры архайдтой Галина Кондратенкойы цард бахъахъхъæныныл. Ахæм операцитæм стыр сахарты дæр фылдæр хатт сæ ныфс нæ бахæссынц. Цæгат Ирыстоны медицинон кусджытæ та уӕззау рынчынты дӕр сæ къæхтыл слæууын кæнынц.


Къуыри размæ ацы сылгоймагӕн йæ зæрдæйæн скодтой уæззау операци. Аневризмæ æмæ йемӕ баст фӕстиуджытӕ. Дохтырты куыд зæгъынц, атфæмæй ахæм диагноз рабæрæг кæнынц тынг стæм хатт. Афтæ рауад Галина Кондратенкоимæ дæр. Къорд рæстæг сын не ‘нтыст низӕн йæ хъæд раиртасын. Патологи рабæрæг кодтой æрмæст Беслæны медицинон центры.

Ахæм операци скæнынмæ алкæцы дохтыр нæ хæссы йæ ныфс. Суанг ма Мæскуыйы дæр чысыл ис ахæм специалисттæ. Беслæны медицинон центры та афæдзы дæргъы ахæм операци скæнынц 10 адæймагæн. Диссаг та уый у, æмæ ахæм диагнозимæ бирæ нæ фæцæрынц. 70-аздзыд Галина Кондратенкойæн куыд бантыст уыцы низӕн бабыхсын, уый дохтыртæ сæхæдæг дæр не ‘мбарынц.

Аортæйæн операци цыд 7 сахаты. Сылгоймагæн операцийы рæстæг йæ зæрдæйы куыст барæй æрлæууын кодтой. Йæ буары тæвд ын æрхауын кодтой 26 градусмæ. Нал æм уагътой туг дæр. Хицæнæй йын кусын кодтой æрмæст йæ сæры мæгъз.

Сылгоймаджы фервæзын кæныныл тох кодтой 15 дохтыры. Иумæйаг æмæ раст куыст. Ахӕм уавӕры ирвæзӕн ӕххуыс кæнынц æрмæст лæвар, медицинон полисмæ гæсгæ, кæд æмæ операцийы æппынкъаддæры аргъ у милуан сомы æмбис.

Уæрæсейы йæ цардæй чи ахицæн вæййы, уыдонӕн се ‘рдæг амæлы зæрдæйы низтæй. Фæлæ нырыккон диспансеризацийы руаджы специалисттæ рагацау рабæрæг кæнынц æмæ дзæбæх кæнынц низтæ.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Сергей Томаев I Дело мастера
27.05.2026
Доброе утро, Осетия I 27.05.2026
27.05.2026
Хъуырман, скъолайы рауагъдонтæ æмæ бурхил адæмы бон | Йæ рæстæгыл
26.05.2026
Нузал I Вокзал для двоих
26.05.2026
Марина Айлярова I Профессиональный путь
26.05.2026
Ипотека, кредитные карты, рассрочки I Разбор полетов
26.05.2026
26.05.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
26.05.2026
Фæрдгуытæ
25.05.2026
25.05.2026 I Самое время
25.05.2026
Доброе утро, Осетия! I 25.05.2026
25.05.2026
В итоге: 24.05.2026
24.05.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 24.05.2026
24.05.2026
Чеджемты Æхсар I Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин
23.05.2026
Сæрмæтаг археологийы тыххæй, фестиваль «Бонвæрнон» æмæ проект «Фыдæлты Хæдзар» I Йæ рæстæгыл
22.05.2026
Хæдзарадон I 22.05.2026
22.05.2026
Все рекомендуемое