Беслæны фыццæгæм скъолайы дарддæр цæуы «Мысæн вахтæ». 2004 теракты амæттæгты номыл бынатмæ хæссынц дидинджытæ, хъазæнтæ æмæ нæмæнг дон.
17 азы размæ Беслæны æбуалгъ фыдракæнд дунейыл айхъуыст. Æвирхъау цау ахаста 334 царды, 186 уыдонæй сывæллæтæ. Мысæн æмæ номарæн мадзалмæ цæуынц хъыгдæрдбаййафджытæ, чи фæмард уыдоны хиуæттæ, Беслæны цæрджытæ æмæ республикæйы уазджытæ.
















