Беслæны сывæллæтты 6-æм рæвдауæндоны 14 сабийы фæхъæстæ сты. Уый тыххæй сæ бахъуыд медицицинон æххуыс. Сывæллæтты фæхæццæ кодтой республикæйы Сывæллæтты клиникон рынчындонмæ. 11 дзы бахъуыд госпитализаци скæнын. 3-йы дзы хæдзармæ рауагътой, се`нæниздзинадæн тæссаг нæу, фæлæ сæм дохтыртæ уæддæр сæ хъус дарынц. Сты 2 азæй – 6 азы онг кæуыл, ахæм сывæллæттæ.
Цауы фæдыл Цæгат Ирыстоны прокуратурæ райдыдта басгæрст аразын. Рæвдауæндон сæхгæдтой, абон дзы ацæудзысты сæрмагонд иртæстытæ.
Рынчындоны та сабиты бабæрæг кодта нæ ресубликæйы æнæниздзнад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуддагмæ йæхæдæг цæст дары.
















