Хорз бон – рыг сысты, къæвдайы та цъыфы бын фæвæййы. Ахæм нывтæ æрвылбон уынынц Степная уынджы цæрджытæ. Наниты Зæринæ ам цæры 20 азæй фылдæр. Хæдзарæй йæ алы рацыд свæййы æцæг фæлварæн.
Ахæм къуылымпыдзинæдтимæ æмбæлынц бирæ цæрджытæ. Яна Морозова цы уынгыл цæры, уым дæр асфальт нæй. Дзуры, æрвылбон йæ бинонтæ æвзæр фæндæгты сæрты хизынц. Уымæй æрмæст къахдарæс нæ æвзæр кæны, фæлæ ма хæдтулгæтæ дæр.
Подгорная уынджы цæрджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй, кæд фæндаг ног пырх у, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ дзы, æрæджы зиан æрцыд. Адæм сæхæдæг хуыр самал кодтой, цæмæй хæдзармæ хæдтулгæйыл бацæуæн уа. Æмæ, уый иунæг фарста нæу.
Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фæсидтысты бынæттон разамындмæ, цæмæй фæндæгтæ цалцæггонд æрцæуой. Фæлæ бæлвырд дзуапп афтæ дæр нæ райстой. Нæ телеканал дæр фæсидт Рахизфарсы районы администрацимæ. Бындурон цалцæджы хайады хицау Къаботы Зауыр куыд фæнысан кодта, афтæмæй Беслæны фæндæгты 40 процентыл асфальт нæй. Æмæ архайд ныр цæуы къæпхæнгай.
Абоны онг бындурон цалцæджы пъланмæ гæсгæ куыстытæ фесты Артиллерийская уынджы, хайгай Чкаловы æмæ Ленины номыл уынгты. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, боныхъæды уавæртæ куы фæбæззой, уæд ацы мæйы кæронмæ Беслæны рацараздзысты æртын уынджы æмæ æртæ кæрты.
















