Бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбонады бындурон цалцæджы программæ Цæгат Ирыстоны куыд æххæстгонд цæуы? Фарстайы фæдыл æмбырд амыдта вице-премьер Бокоты Эльбрус.
Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы фонд Цæгат Ирыстоны байгом 2013-æм азы. 2014-æм азæй фæстæмæ та регионы æххæст кæнынц сæрмагонд программæ. Йæ архайд у 2038-æм азы онг. Ныртæккæ нæ республикæйы бындурон цалцæджы тариф у Цæгат Кавказы федералон зылды æппæты къаддæр. Ацæргæ адæмæн та ис льготæтæ. Бокоты Эльбрус куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæйрагдæр къуылымпыдзинæдтæ сæвзæры, цæрджытæ фиддонтæ кæй нæ хæссынц фондмæ, уый тыххæй.
















