Къухты — къæбæлтæ æмæ тæбын æндах, зæрдæйы — нæ хæстон фæсивæд. Алы дзаумайæн дæр ам стыр нысаниуæг ис, уымæн æмæ арæзт у Уæлахиз æрбахæстæг кæныны хъуыдытимæ. Сылгоймæгтæн куыддæр уъæгъд рæстæг фæзыны, афтæ æрбамбырд вæййынц. Зонынц, тохы раззагдæр бынæтты райгуырæн зæххæй æрвыстæгтæй зынаргъдæр кæй ницы ис. Бирæгъзæнггаг сылгоймæгты хъарм лæвæрттыл дæр тынг бацин кæнынц.
Æмæ ацы æххуыс зæрдæйы фæндон у. Бархионты къордтимæ Гæбуты Раисæ фыццаг бонæй ис. Æрæджы сæрмагонд операцийæ æрыздæхт йæ хъæбулы хъæбул. Сылгоймаг бирæ азты дæргъы фæкуыста нывкæнынады ахуыргæнæгæй, йе ‘сфæлдыстадон хъуыдыкæнынадæй пайда кæны ам дæр. Уырны йæ — аив æмæ ирд нывтæ лæппуты зæрдæйы уаг фæхуыздæр кæндзысты.
Бархионты иугæндтæ ис республикæйы алы районы дæр. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны агъоммæ æппæт æрвыстæгтæ æрæмбырд кæндзысты иу гуманитарон уæзы æмæ йæ арвитдзысты. Акци “Хъайтарæн хъарм” сси æрвылазон. Арæзт цæуы парти “Иугонд Уæрæсейы” адæмон программæйы федералон проект “Хистæр фæлтæр”-мæ гæсгæ.
Ӕфсӕддонты æппæтæй хъæугæдæр дзауматæй ифтонг кæныныл архайынц ӕппынæдзух. Адӕм иумӕ куы баиу вӕййынц, æрмæст уӕд бафты къухы уæлахиз. Æмæ хъауджыдæр нæу, адæймаг фронты ис, æви фӕсчъылдым. Алчидӕр йе ‘вæрæн хӕссы стыр хъуыддагмӕ.















