Дзæуджыхъæуы æххæстгонд цæуы проект “Фыранчы раздæхт Ирыстонмæ”. Йæ фæлгæты горæты администрацийы цур сарæзтой фыранчы бронзæ фæдтæй фæндаг.
Акцийы архайдтой Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады, æрдз хъахъхъæныны управленийы, Дзæуджыхъæуы администрацийы кусджытæ. Уымæй уæлдай ма мадзалмæ хуынд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ, арæнхъахъхъæнæн управленийы, компани РусГидройы, экологон къорд «Фыранч»-ы бархионтæ æмæ æндæр организациты минæвæрттæ.
Алкæмæн дæр сæ бар уыд администрацимæ фæндагыл фыранчы фæдтæ сфидар кæнын. Бронзæ фæдтæ скодта скульптор Цхуырбаты Олег. Акци аразджытæ фæнд кæнынц Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн бынæттæ дæр цæрæгойы бронзæ фæдтæй саив кæнын. Проектмæ гæсгæ та хæстæгдæр рæстæг, Сочийы экспертизæйы фæстæ, фыранкты хъæдтæм ауаддзысты.
















