Буроны æфсæддон хайады сарæзтой турнир арæнхъахъхъæнджыты æрыгон хæлæрттæн. Ацы ерыстæ арæзт æрцæуынц æрвылаз Арæнхъахъхъæнæн хайады бонмæ. Ацы хатт хуыздæры ном райсыныл тох кодтой 6 къорды республикæйы алы районтæй. Ерыстæ цыдысты куыд командæты, афтæ хицæн адæймæгты ‘хсæн дæр: рæнхъыты цæуын, арæнхъахъхъæнæн æфсæдты истори зоныны, æфсæддон-спортивон эстафетæ, Калашниковы автомат райхалын æмæ сæмбырд кæнын, сгарæджы архайд.
Турнир бабастой «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы Эстафетæйыл” сæмбæлынмæ æмæ Уæрæсейы æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнæн управленийы Цæгат Ирыстоны хайады равзæрды 101 азы бонимæ.