preloader
сейчас в эфире
22:31
ГДЕ ЖИВЕТ НАДЕЖДА (1,2- АЯ СЕРИЯ) 16+
Смотрите Далее
23:50
ЧЫРЫСТОН ФÆД 12+
ТВ ПРОГРАММА
ГДЕ ЖИВЕТ НАДЕЖДА (1,2- АЯ СЕРИЯ) 16+
close

Бырон ӕвзарыны куыст райдайдзӕн октябры мӕйы

26.08.2026 19:43

Заводы зӕххыл ма ис, ивгъуыд азты дӕргъы цы бырӕттӕ ӕрӕмбырд, уыдон дӕр. Ныртӕккӕ йын эксперттӕ ахуыр кӕнынц йе сконд. Уый фӕстӕ бауынаффӕ кӕндзысты, уыцы фӕлхӕрттӕ ласынӕн цавӕр машинӕтӕ хъӕуы, ууыл.

Ног заводы кусджытӕ цӕттӕ сты фӕлхӕрттӕ ӕвзарынмӕ. Фыццаг уал бырӕттӕ иууылдӕр къордгӕйттӕй дих кӕндзысты. Пластик, гӕххӕтт, авг, згъӕр ӕмӕ органикӕ арвитдзысты бакусынмӕ. Иннӕ — аласдзысты полигонмӕ ныгӕнынмӕ. Бынӕттон компани куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй куыстуат ныридӕгӕн райста ӕппӕт документтӕ официалон куыстӕн.

Ам афӕдзмӕ равзарæн ис 100 мин тоннӕйы онг бырӕттӕ. Процесс арӕзт у цалдӕр къахдзӕфӕй. Раздӕр фӕлхӕрттӕ ӕрбаласынц исӕнмæ. Уым уал кусджытӕ айсынц егъау ӕмӕ тӕссаг дзауматæ, цӕмӕй техникӕ ма фехӕла. Уый фӕстӕ бырӕттӕ цӕуынц конвейерыл сӕрмагонд зилгӕ барабанмӕ. Машинӕ аскъуыны дзӕкъултӕ, фӕхицӕн кӕны змис ӕмӕ лыстӕг хойраджы фӕлхӕрттӕ.

Специалисттӕ зӕрдӕ ӕвӕрынц территорийы сыгъдӕгдзинадмӕ иудадзыг хъус дарынӕй. Эксперттӕ бӕрӕг кӕнынц заводы алыварс уӕлдӕф ӕмӕ мӕры уавӕр. Бынӕттон компанийы минӕвӕрттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй экологон бӕрӕггӕнӕнтӕ иууылдӕр ӕмбӕлгӕ сты.

Заводы зӕххыл ма ис, ивгъуыд азты дӕргъы цы бырӕттӕ ӕрӕмбырд, уыдон дӕр. Ныртӕккӕ йын эксперттӕ ахуыр кӕнынц йе сконд. Уый фӕстӕ бауынаффӕ кӕндзысты, уыцы фӕлхӕрттӕ ласынӕн цавӕр машинӕтӕ хъӕуы, ууыл. Зӕронд бырӕттӕн ногӕй бакусӕн куы нӕ уа, уӕд сæ æрвитдзысты полигонмæ ныгӕнынмӕ.

Завод байгом кӕнынӕй зӕрдӕ ӕвӕрынц октябры мӕйы. Куыстуатæн уыдзæн бӕлвырд пълан: фыццаг бырӕттӕ ӕвзарын, стӕй пайдайаг хомаг ӕмбырд кӕнын ӕмӕ ӕрмӕст уый фӕстӕ — уӕлдӕйттӕ ныгӕнын. Регионӕн уый у ахсджиаг къахдзӕф размӕ. Ног проект феххуыс уыдзӕн фӕлхӕрттӕ ӕмбырд кӕныны фарста æнтыстджынæй алыг кӕнынӕн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Белла Бериева I Профессиональный путь
25.08.2026
Йæ рæстæгыл I 25.08.2026
25.08.2026
25.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.08.2026
Артур Таймазов I По большому счету
24.08.2026
24.08.2026 I Самое время
24.08.2026
Дебаты. Выборы депутатов Государственной Думы 2026
24.08.2026
24.08.2026 I Доброе утро, Осетия!
24.08.2026
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин… I Гæздæнты Булат
23.08.2026
В итоге: 23.08.2026
23.08.2026
Агурӕг I 22.08.2026
22.08.2026
Аккорды мыслей I Земфира Цахилова
22.08.2026
Зæххыты уавæр, Къостайы хæдзар-музейы цалцæг æмæ спортсмен-экстремал I Йæ рæстæгыл
21.08.2026
Все рекомендуемое