preloader
сейчас в эфире
21:26
ИСТОРИИ ИЗ ЖИЗНИ. АМИНА БОРАНТИ 16+
Смотрите Далее
22:00
ГДЕ ЖИВЕТ НАДЕЖДА (1,2- АЯ СЕРИЯ) 16+
23:50
ЧЫРЫСТОН ФÆД 12+
ТВ ПРОГРАММА
ИСТОРИИ ИЗ ЖИЗНИ. АМИНА БОРАНТИ 16+
close

Цӕгат Ирыстоны библиотекӕтӕ ивынц сӕ æрвылбоны архайд

26.08.2026 19:10

Ахæм ӕххуыс фӕхуыздӕр кӕндзӕн регионы социалон-экономикон рӕзт. Владимир Путин куыд загъта, афтӕмӕй Уӕрӕсе цӕттӕ у ацы фарстайы баххуыс кӕнынмӕ. 18 азы размӕ куыд уыд, афтӕ дыууӕ адӕмы дарддӕр дӕр фидар кӕндзысты ӕнгом ӕмгуыстад.

Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнджыты мемориал — ахсджиаг историон бынат. Ам цæры, сабыр адӕмы бахъахъхъӕныны сӕраппонд чи фӕмард, уыцы ӕхсарджын хӕстонты ном. Республикӕйы хӕдбардзинады бон Президенты администрацийы разамонӕджы хӕдивӕг Сергей Кириенко, Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло сӕвӕрдтой дидинджытæ монументыл. Мадзалы архайдтой дӕсгай адӕймӕгтӕ.

2008 азы 8 август гуырдзиаг ӕфсӕдтӕ ныббырстой Хуссар Ирыстонмӕ, æмӕ Уӕрӕсе ӕххуысмӕ фыццаг фӕзынд. Фондз бонмӕ бахъахъхъӕдтой сабырцӕрӕг адӕмы ӕмӕ фӕсырдтой знæгты. Абон паддзахӕдтӕн ис хæлар ахастдзинӕдтӕ ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрӕдзийы фарсмæ балæууынмæ. Цӕгат Ирыстонӕй, Хуссар Ирыстонӕй ӕмӕ æппӕт Уӕрӕсейӕ хӕстонтӕ иумӕ архайынц сӕрмагонд операцийы. Сергей Кириенко сын сӕ лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад фӕнысан кодта кадджын мадзалы рӕстӕг.

2008 азы 22 августы Хуссар Ирыстоны Парламент Уӕрӕсейӕ ракуырдта, цӕмӕй республикӕйы хӕдбардзинад банымайа. Æмæ 26 августы бæстæ банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад. Президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат арфӕ кӕны республикӕйы цӕрджытӕн ацы бӕрӕгбоны фӕдыл.

Хуссар Иры цæрджытæм фæсидт Сергей Меняйло дæр. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй нæ бӕттынц иумӕйаг традицитӕ, культурӕ ӕмӕ истори. Дыууӕ республикӕйы граждӕнтӕ кӕддӕриддӕр иумæ сты. Æмæ уый бӕлвырд кӕнынц хъуыддагæй дæр.

Хуссар Ирыстоны сӕйраг хӕс у социалон-экономикон рӕзт. Хицауад се ‘ргом аздахдзысты тӕккӕ риссагдæр фарстатæ лыг кӕнынмӕ, уыдонимӕ фӕндӕгтӕ сног кӕнынмӕ дӕр. Уӕрӕсе уыцы хъуыддаджы стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Президент Владимир Путины фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ фӕндӕгты цалцӕгӕн регионӕн рахицӕн кӕндзысты 500 милуан сомы. Хуссар Ирыстоны рӕзт ныридӕгӕн бӕрӕг дары республикӕмӕ бацӕуӕны. “Дӕллаг Зӕрӕмӕджы” уадзӕн пункты стыр радтӕ нал ис. Ам байгом кодтой 3 уӕлӕмхасӕн тӕлмы ӕмӕ 6 ног модулы паспортон цæстдардæн. Ивддзинæдтæ фӕнысан кодта Сергей Кириенко дӕр.

Хицауад кусы кондады рӕзтыл дæр. Тагъд Хуссар Ирыстоны районтӕй иуы байгом кӕндзысты хуыйӕн фабрикӕ. Сергей Кириенкойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, инвестортӕ цӕттӕ сты республикӕйы ӕхца ӕвӕрынмӕ. Ацы регион сси тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ бизнесӕн ӕмӕ туризмӕн. Фысымуӕтты уӕгъд бынӕттӕ ныртӕккӕ нӕ фаг кӕны, уымӕ гӕсгӕ Цхинвалы фӕнд кӕнынц ног уазӕгдоны комплекс саразын.

Ахæм ӕххуыс фӕхуыздӕр кӕндзӕн регионы социалон-экономикон рӕзт. Владимир Путин куыд загъта, афтӕмӕй Уӕрӕсе цӕттӕ у ацы фарстайы баххуыс кӕнынмӕ. 18 азы размӕ куыд уыд, афтӕ дыууӕ адӕмы дарддӕр дӕр фидар кӕндзысты ӕнгом ӕмгуыстад.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Белла Бериева I Профессиональный путь
25.08.2026
Йæ рæстæгыл I 25.08.2026
25.08.2026
25.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.08.2026
Артур Таймазов I По большому счету
24.08.2026
24.08.2026 I Самое время
24.08.2026
Дебаты. Выборы депутатов Государственной Думы 2026
24.08.2026
24.08.2026 I Доброе утро, Осетия!
24.08.2026
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин… I Гæздæнты Булат
23.08.2026
В итоге: 23.08.2026
23.08.2026
Агурӕг I 22.08.2026
22.08.2026
Аккорды мыслей I Земфира Цахилова
22.08.2026
Зæххыты уавæр, Къостайы хæдзар-музейы цалцæг æмæ спортсмен-экстремал I Йæ рæстæгыл
21.08.2026
Все рекомендуемое