Фæрдгуытæй арæзт дидинджыты бæстытæ 50-йæ фылдæр. Чехойты Вергине æрмдæсныйы куыст кæны æртæ азæй фылдæр. Йæ ахуырадмæ гæсгæ у хъæды хæдзарады инженер. Йе ‘сфæлдыстады йын тыхтæ дæр æрдзы рæсугъддзинад дæтты. Йæ къухты хуымæтæг фӕрдгуытӕй рауайы цымыдисаг дидинджытæ. Архайд æнцон нæу. Æппæт лыстæгдзинæдтæм дæр хъуамæ лæмбынæг уай. Алы дидинæг саразынæн та йæхи сæрмагонд техникæ ис.
Æрæджы Вергине сси «Фæрдгуытæй æппæты стырдæр дидинджыты басты» номинацийы уæлахиздзау. Рекорд нысангонд æрцыд дунейы æмвæзадыл. Æркастмæ цы куыст бацæттæ кодта, уымӕн йӕ куыстыл ацыд 2 азæй фылдæр. Ныр у сызгъæрин майдан æмæ 2 сертификаты хицау. Дарддæр Вергине фæнд кæны ног рекорд фæнысан кæнын.
















