Сергей Плахтийы чиныджы презентаци ацыд Дыгуры районы сæйраг чиныгдоны. Автор æй ныффыста зындгонд ахуыргонд, онколог Тахъулты Уырысханыл. Мадзалы бацархайдтой районы дохтыртæ, бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ, горæты цæрджытæ, стæй профессоры хæстæджытæ æмæ йæ студенттæ.
Чиныджы æвдыст цæуынц Тахъулты Уырысханы царды хабæрттæ æмæ йæ профессионалон фæндаг. Уымæй уæлдай, кæмæн баххуыс кодта, уыцы пациентты аргъгæндтæ онкологæн.
















