Адæймагмæ байхъусын æмæ йын бæстон амынддзинæдтæ радтын. Хосаты Зæлинæ дохтыр суæвынмæ бæллыд гыццылæй фæстæмæ. Ацы дæсныйадимæ йæ цард сбæттын сфæнд кодта йæ хæстæджытӕм гæсгæ. Йæ куыст у зын æмæ бæрнон. Уымæй уæлдай, алы адæймаджы зæрдæмæ дæр фæхъæуы фæндаг ссарын.
Анализтæ радтын, хъæугæ басгæрст ацæуын æмæ, æрмæст уый фæстæ сæрмагонд амынддзинæдтæ фехъусын. Хосаты Зæлинæ бынæттон амбулаторийы кæд нырма 4-ӕм мæй йеддæмæ нæ кусы, уæддæр йæ алы рынчыны уавæр дæр зоны хорз. Алы бон дæр æм æххуысы фæдыл ссæдзмæ ‘ввахс адæймаджы æрбацæуы. Се ‘ппæт дæр дзы сты райгонд.
Дохтыр суæвын æмæ адæмæн æххуыс кæнын. Ахæм бæллиц йæхицæн Зæлинæ снысан кодта нырма чысыл куы уыд, уæд. Медицинон академийы рауагъдон цалдæр азы дæргъы адæмæн удуæлдайæ лæггад кодта Æрыдоны районы рынчындоны, уый фæстæ та сырх зонæйы Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны.
«Земский доктор» программæмæ гæсгæ æрыгон дохтыр Николаевская станицæмæ æрвыст æрцыд ацы аз, августы. Проекты архайджытæ паддзахадæй исынц иухаттон фиддон.
Хосаты Зæлинæ ма рынчынты исы Мустыздæхты фелсырон-акушерон пункты дæр. Сæтты, йæ боны фæтк уæззау кæй вæййы. Фæлæ дохтыр кæдфæндыдæр фæархайы цæрджытæн афойнадыл аккаг æххуыс бакæныныл.
Земский доктор, зæгъгæ, программæ Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы ныр фарæстæм аз. Уыцы æмгъуыдмæ куысты бынат ссардтой 60 специалистæй фылдæр.
Калоты Дзерассæ
















