Доваторы номыл уынджы 244-æм хæдзары цæрджытæ ныр цадлæр азы дæргъы къæвдаты рæстæг тынг ратыхсынц. Кæд пъол фæскъæвда ныссæрфынц æмæ бахус вæййы, уæд къултæ æмæ царæй хъуына нал цæуы. Бындурон рацарæзт дзы уæвгæ дæр никуы уыд. Æххуысагур ма кæмæ фæцæуой, уый нал зонынц.
Доваторы номыл уынджы 244-æм хæдзары цæржытæ æййафынц къуылымпыдзинæдтæ. Къæвдаты фæстæ кæрт цæугæдон фесты. Уымæн та аххосаг у, канализацион хæтæлтæ кæй нал бæззынц, уый. Къултæ хъуына æмæ уымæлады бын фесты. Æвзæр тæф хæццæ кæны фатертæм дæр.
Санитарон уавæры тыххæй бирæфатерон хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц. Бæстыхайы алфамбылай специалисттæ не ’фснæйдтой 7 мæйы дæргъы. Цæрджытæ бавдæлынц æмæ фæзуат хи хъарутæй саив кæнынц.
Бæстыхайыл цæуы 50 азы. Ныронг бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Цæрджытæ сæ хъаст хастой алы инстанцитæм. Разамынддæттæг компанийы минæвæрттæ сæхиуыл къæм абадын нæ уадзынц. Зæгъынц, цы курдиæттæ сæм æрбацæуы, уыдоныл æвæстиатæй бакусынц, зæгъгæ.
Разамынддæттæг компанийы ма куыд фæнысан кодтой, афтæмæй лæггæдтæн цæрджытæ фидынц афойнадыл. Фидынц, æмæ уыцы-иу рæстæг мæт кæнынц, хæстæгдæр къæвдаты фæстæ та сæ уавæр куыд уыдзæн, ууыл. Зæрдæ дарынц, сæ риссаг фарста тагъд рæстæг лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл.
















