Доваторы номыл уынджы 13-æм æмæ 15-æм хæдзæртты цæрджытæ курдиат бахастой, цæмæй сæ алфамбылай аивгонд æрцæуа. Уыцы фæндонимæ бацыдысты депутат Ортабайты Тимурмæ. Бынаты ныридæгæн цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Дыууæ мæйы фæстæ фæзуат банывыл кæндзысты. Фæзындзæн дзы цъæхфæлыст, уыимæ бандæттæ æмæ ног рухсгæнæн системæ. Улæфæн бынатмæ цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты.
Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, куыстытæ цæуынц парти «Иугонд Уæрæсе» -йы программæ «Городская среда» -йы фæлгæты.
















