Уæлахизы боны кадæн Беслæны ипподромы сарæзтой бæхтыл дугътæ. Æрбацыдис сæм 10 мин адæймагæй фылдæр. Ерысты уæлахиздзаутæн байуæрстой 2 æмæ `рдæг милуан соммæ `ввахс. Хуыздæрты та сбæрæг кодтой 9 къæпхæнмæ гæсгæ. Бæхтæ æмæ сæ барджытæ сæхи куыд равдыстой, уый федта не сфæлдыстадон къорд дæр.
Уæлахизы боны кадæн Беслæны ипподромы барджыты ерыстæм бирæ адæм æрбацыд. Къахбавæрæн дзы нал уыдис. Уазджыты `хсæн – ветерантæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сæргълæуджытæ, бæрнон кусджытæ, спорты ацы хуыз чи уарзы, уыдон, республикæйы цæрджытæ.
Ерысты фыццаг дугъ снысан кодтой Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйы номыл. Йæ уæлахиздзау, куыд зæгъы, афтæмæй, рамбулын æнцон нæ уыд. Бæхылбадджытæ иууылдæр тыхджын сты, стæй сæ алчидæр йæхи рагацау цæттæ кодта. Сусæггаг нæу, алкæй дæр фæнды рамбулын æмæ йæм тырнынц.
Æрвылаз, сæрдæй -зымæгæй дæр цæттæ кæнæм. Бæхтимæ кусæм, цæмæй куыд æмбæлы афтæ дугъ кæной æмæ уæлахиздзаутæ суой. Бæх у æрыгон, фæлæ – тыхджын. Фæуæлахиз уæвын ын бынтон æнцон нæ уыд, фæлæ дзы уыйас зынтæ дæр нæ федта.
Дугъ куыд ацыд, уымæй æрбацæуджытæ разыйæ баззадысты. Ерыстæм кастысты раздæры дæсны æмæ фæлтæрдджын барджытæ дæр. Бæхты дугъмæ се `уæнгты туг тагъддæр æнхъæвзын райдыдта, рог хæххон цæугæдонау тагъд згъордта, сæ цæстытæ та цæхæр калдтой. Тедты Эльбрус ахæм мадзалмæ фыццаг хатт не `рбацыд. Фыццаг бакастæй дæр йæ бон хуыздæр бæх æмæ барæджы сбæрæг кæнын вæййы.
Гыццыл раздæр фыццаг дугътæ ацыдысты. Кастæн сæм , фыццаг бынат цы бæх бацахста, уый иннæ ерысгæнджыты фæстейæ фæуагъта, уæдæ гæрæнты сæрты дæр тынг рог гæпп кодтой. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ бæх дæр, барæг дæр хорз цæттæгонд уыдысты.
Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фæндыд цæмæй æрбацæуæджыты зæрдæтæ бæрæгбонæй райой. Ерысты райдиан ипподромы сарæзтой концерт: архайдтой дзы республикæйы зындгонд сфæлдыстадон къордтæ, бæхты театр «Нарт» æмæ адæмон зарæджы ансамбль«Уацамонгæ».
Ацы мадзал сарæзтам нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы руаджы. Бæрæгбонмæ æрбацыдысты 10 мин адæймагæй фылдæр. Алкæмæн дæр сæ бæрæгбон у. Цин кæнынц хистæр кары адæм, афтæ кæстæртæ дæр.
Беслæны ипподром Европæйы хуыздæртæй иуыл нымад у. Дугъгæнæн фæндаджы дæргъ у дыууæ мин цыппарсæдæ метры. Уый та фадат дæтты алыхуызон ерыстæ дзы аразынæн. Ахæм мадзæлттæ фидæны дæр уыдзысты. Кæд ипподром æрæджы байгом кодтой, уæддæр адæмæн уарзон ссис. Уæвгæ, спорты ацы хуызмæ Ирыстоны алчидæр æмхиц уыд. Фидæны дæр, кæстæрты `хсæн æмбæлгæ æмæ ахсджиаг бынат бацахсдзæн. Афтæмæй фидардæр кæндзæн фæлтæрты бастдзинад. Нæ фыдæлты рæсугъд традицитæ та кæндзысты парахатдæр æмæ тыхджындæр.
Джиоты Николас
















