Дыгуры районы æмбырд кæнынц нартхоры тыллæг. Кæд ацы аз боныхъæд бынтон хорз нæ уыд, уæддæр фермертæн сæ хордæтты уындæй сæ зæрдæ райы. Пайда кæнынц æрмæст нырыккон техникæйæ. Хорæфснайæны фæстæ тыллæг, сæрмагонд мигæнæнтæй пайдагæнгæйæ, бахус кæнынц. Афтæмæй нартхоры нæмгуытæ хъыгдæрд не ‘рцӕуынц.
Дыгуры район-иу кæддæриддæр йæ бæркадджын тыллæгæй бæрæг дардта. Фæлæ ацы аз, боныхъæд æвзæр кæй уыд, уымæ гæсгæ хор фæзынаргъдæр. Гектарæй къухы бафыд æрмæст авд æмæ æрдæг тоннæйы сæмбырд кæнын. Уый, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, къаддæр у. Фарон бантыст фараст тоннæйы сисын.
Быдырты цы тыллæг сæмбырд кæнынц, уый сур кæнынмæ арвитынц. Дарддæр æй хордæтты бафснайынц. Тауыны æмæ тыллæг зайын кæныны рæстæг пайда кæнынц сыгъдæг буаргъæдтæй, минералон æмæ тæнгъæд хъацæнтæй. Уый нартхоры хæрзхъæддзинадыл хорзырдæм сахады. Ныридæгæн сæмбырд кодтой 700 тоннæйæ фылдæр.
Техникæ быдырты фаг ис. Зæхкусджытæ архайынц, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм комбайнтæй. Районы сты 30-æй фылдæр. Уæвгæ, æрдзон уавæртæ æгас регионы дæр хорз сты. Уымæ гæсгæ, ам зайы нартхоры алыхуызон мыггæгтæ – пионер, монсанто, майсадур æмæ æндæртæ.
Фермертæ фæнд кæнынц сæ кондад апарахат кæнын, рауагъдад фæфылдæр кæнын. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ дзы фæзындзæн ног куысты бынæттæ. Æрмæст хъæуы удуæлдайæ кусын.