Нæ республикæйы скъолаты дыууæ азмæ фæзындзæн 3 мин 450 ног бынаты. Уый тыххæй йæ телеграм каналы радзырдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Мæздæджы районы Черноярская станицæйы 200 бынатæн скъола ныридæгæн у цæттæ. Ног кусæнгарз æмæ мебель цух ма у, фæлæ уыдон дæр æрбаласдзысты. Уæдæ дзы спортивон æмæ æндæр мадзæлттæ аразынæн залтæ дæр ис, стæй нырыккон хæрæндон. Ныр сывæллæттæ ахуыр кæнынц иу фæлтæрæй. Арæзт ма цæуынц ноджы дæр 3 скъолайы. Дыууæ Беслæны æмæ Дзæуджыхъæуы. Уыдоны уыдзæн 550 бынаты. Иннæ скъола та 500 бынатæн фæзындзæн Хъызлары.
Паддзахадон программæ «Комплексное развитие сельских территорий»-мæ гæсгæ Бруты фæзындзæн 200 бынатæн скъола. Дзæуджыхъæуы Магкаты Зурабы номыл æмæ Владивостокская уынгты ацы аз райдайдзысты аразын 550 æмæ 1 мин 100 бынатæн скъолатæ. Ноджы ма дыууæ азмæ сцалцæг кæндзысты 66 ахуырадон уагдоны. Ууыл бахардз кæнынмæ хъавынц 4 миллиард сомы. Уымæй уæлдай ма бындурон цалцæг кæнинаг сты 70 скъолайы. Хъæуы сыл схардз кæнын 4,5 миллиард сомы. Ацы куыстытæ снысан кодтой 2024 -2025 азтæм.
















