Æппæт дунейы фысджытæ дæр абон бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон. Поэзийы йæ фыццаг къахдзæфтæ кæны Бестауты Аланæ дæр. Ныридæгæн æрыгон поэтæн мыхуыры рацыд 2 æмбырдгонды. Фæлвары йæхи наукон иртæстыты дæр.
Зындгонд видеокадртæм ацы зæрдæагайгæ рæнхъытæ, нырма хæрз æрæджы æрцыдысты фыст. Нæ хъайтарты тыххæй æмдзæвгæ уайтагъд апарахат ис интернеты тыгъдады. Уæвгæ, нæ æфсæддонты лæгдзинады тыххæй Бестауты Аланæйы сисæй фыст æрцыдысты къорд æмдзæвгæтæ. Се ‘ппæт дæр адæймаджы зæрдæйы ссарынц бынат.
Патриотизм, Фыдыбæстæ æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад. Нæ хъайтар йе ‘сфæлдыстады кæддæриддæр агайы ацы æнæмæлгæ фарстатæ. Хуымæтæг, æнцон æмбаргæ сæйрагдæр та — удмæ арф чи хъары, ахæм æвзагæй фыст.
Бестауты Аланæ райгуырд Беслæныхъæуы. Схъомыл хуымæтæг фæллойгæнаг бинонты. Куыд нын радзырдта, афтæмæй, скъолайы фæндзæм къласы ахуыргæнгæйæ сæм æрбацыд Сидахъаты Кларæ. Амыдта сын ирон æвзаг æмæ литературæ. Аланæ, абон сæрæстырæй дзуры йæ разамонæг ын поэзимæ фæндаг кæй байгом кодта, уый. Йæ уарзон ахуыргæнæджы руаджы сфæлдыстады акодта фыццаг, æнтыстджын къахдзæфтæ.
Уыцы ныстуан Аланæ абон дæр сæрæстырæй æххæст кæны. Ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты, ирон филологийы факультеты. Æнтыстджынæй архайы æхсæнадон царды. Ныридæгæн чызгæн мыхуыры рацыд æмдзæвгæты дыууæ чиныджы. Кусы æртыккагыл дæр.
Хиуыл кусын, мадæлон æвзаг парахат кæнын — Аланæ нымайы йæ царды æнæмæнг нысаныл. Йе сфæлдыстады руаджы архайы чиныгкæсæджы размæ кæдфæнды дæр ногдзинад рахæссыныл.
Аланæйы ныхæстæм гæсгæ, абон æрыгон фысджытæн ис бирæ гæнæнтæ сæ аивад парахат кæнынæн. Аланæ æнтыстджынæй архайы алыхуызон æркастытæ, форумтæ æмæ фестивальты. Йæ æмдзæвгæтæн та йын стыр аргъ кæнынц алыхуызон æмвæзадыл специалисттæ. Фидæнмæ Аланæмæ ис бирæ фæндтæ. Сфæлдыстадон куыстæй уæлдай æрыгон курдиат йæхи наукон-иртасæн куысты дæр фæлвары.
Калоты Дзерассæ
















