preloader
сейчас в эфире
19:16
НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
19:20
ÆНУСОН ФАРН. ДЗГОЙТЫ АЛЛÆ 12+
20:30
ЗАЩИТНИКИ 12+
21:10
В СВОЕМ КРУГУ 12+
22:25
МАСШТАБ ЛИЧНОСТИ 12+
23:10
ИСТОРИИ ИЗ ЖИЗНИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ 12+
close

Дзӕуджыхъӕуы байгом креативон индустриты ног скъола

4.09.2026 13:21

Креативон индустриты скъолайы ӕххӕст кæнынц 4 сӕйраг къабазы: дизайн, анимаци, VR-технологитӕ, уыимæ къамты æмӕ видеоаивад. Ахуыры программӕ у дыууӕ азы ӕмгъуыдмӕ.

Æрӕджы дӕр ма ам уыдис хуымӕтӕг кабинеттӕ, ныр та — æрмæст ахуыр кӕнӕн нӕ, фӕлӕ проекттӕ аразӕн дӕр кӕм ис, ахӕм тыгъдад. Камерӕтӕ, графикон планшеттӕ, виртуалон ӕцӕгдзинады технологитӕ — уыдон ныр сты сфӕлдыстадон фӕсивӕдӕн креативон индустриты ног скъолайы. Классикон ныв ныр баиу нымæцон форматтимӕ. Тауаситы Сослӕнбеджы номыл нывкæнынады скъолайы бындурыл байгом ног ахуырадон фӕзуат. Фæсивæд æрмæст ног зонындзинӕдтӕ нӕ исынц, фӕлӕ ма сӕ практикӕйы пайда кӕныныл дæр архайынц ногдӕр ифтонггарзы фӕрцы.

Креативон индустриты скъолайы ӕххӕст кæнынц 4 сӕйраг къабазы: дизайн, анимаци, VR-технологитӕ, уыимæ къамты æмӕ видеоаивад. Ахуыры программӕ у дыууӕ азы ӕмгъуыдмӕ. Райдианы фӕсивӕдӕн фадат ис алы къабӕзты сӕхи бафӕлварынӕн. Фӕстӕдӕр сӕ алкӕй дӕр равзарын хъӕудзӕн бӕлвырд профиль.

Ацы аз скъола йӕ дуӕрттӕ байгом кӕндзӕн 80 сфӕлдыстадон æнахъомæн. Алы студи дӕр арӕзт у дыууӕ къордӕн 10 адӕймагӕй. Ӕвзӕрст цæуынц фӕлварӕнты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ.

Тесты арæзт дæр хуымæтæг нæу. Фӕлварӕн бӕрӕг кӕны арӕхстдзинӕдтӕ нӕ, фӕлӕ алы архайӕджы сфӕлдыстадон хъуыдыкӕнынад. Нырыккон программӕтӕ сахуыр кӕнын ӕмӕ ног форматтӕ агурын у скъолайы куысты сӕйраг принцип.

Ахуыры фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ фӕсивӕд кусын райдайынц профессионалон программӕты. Скъолайы ифтонгад фадат дӕтты практикон ӕгъдауӕй алыхуызон технологон инструменттӕ ахуыр кӕнынӕн.

Фидӕны дӕсныйӕдтыл скъолаты кълӕсты нӕ сахуыр кӕндзысты, фӕлӕ креативон индустриты студиты уыцы фадат ис. Абон чидӕр фыццаг хатт райста йӕ къухмӕ камерӕ, чидӕр сарӕзта йӕ фыццаг дизайн, фӕлӕ фæсивæды æнгом кæны иу хъуыддаг — сфӕлдыстадмӕ уарзондзинад ӕмӕ алы къабӕзты рӕзыны бӕллиц.

Джиоты Данæ, Артур Сулоев

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Все рекомендуемое