Базарадон центр «Метро»-йæ Арвыкомы фæндаджы онг уадздзаг скæндзысты цыппартæлмон. Цæттæ кæнæн куыстытæ ныридæгæн райдыдтой, бындурон цалцæг фæуынвæнд кæнынц фидæны аз. Уадздзаджы дæргъ – æртæ километрмæ хæстæг. Фæндаг фæуæрæх кæндзысты. Цæудзæн дзы фылдæр хæдтулгæтæ. Пайда уыдзæн æдасдзинадæн.
Арæзтады рæстæг хæдтулгæтæн байгом кæндзысты дыууæ тæлмы. Куыстыты аххосæй хъыгдæрд æрцæудзысты æхсæнадон хæрæндоны машинæты лæууæн бынæттæ æмæ бæлæстæ, фæлæ сæ сног кæндзысты.
















