Дзæуджыхъæумæ бацæуæны декабры байгом кæндзысты уæззау хæдтулгæтæн æрлæууæн бынат. Йæ фæзуат — 90 мин квадратон метры. Бынат дзы уыдзæн 400 уæзласæн æмæ 250 рог машинæйæн. Куыстытæ цæуынц, Дзæуджыхъæуы иувæрсты цы фæндаг цæуы, уый арæзтады фæлгæты.
Специалисттæ бакуыстой рухсдæттæн системæйыл, банывыл кодтой канализацион хæтæлтæ. Баззад ма фистæгцæуæнтæ скæнын. Уыцы иу рæстæг цæудзысты аивгæнæн куыстытæ дæр. Аразынц сывæллæттæн хъазæн фæз, хинайæн бынæттæ æмæ тауынц цъæхфæлыст. Æрлæууæн бынаты уыдзæн диспетчерон пункт дæр. Фæзуат сифтонг кæндзысты видеоцæстдарæн системæйæ. Электронон таблойы фæрцы шофыртæн фадат уыдзæн арæнмæ хæстæг фæндаджы уавæры тыххæй информаци базонын.
















