Скъоладзауты хъарм хæринаджы фарста алкæддæр у ахсджиаг. Ахуыр азы дыккаг хайы менюмæ бахастой ивддзиндтæ. Уый ныййарджыты курдиæттæм гæсгæ. Ног менюйы 10 позицийы. Сæрмагонд къамисы уæнгтæ — ныййарджытæ, афтæмæй бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы скъолатæй иу. Сæ балцы сæйраг нысан — хæринæгты хæрхъæддзинад сбæрæг кæнын.
Скъоладзауты фынг алыхуызон хæринæгтæй у хъæздыг. Хъæрмхуыппæй райдай æмæ адджын гуылтæ æмæ нуазинæгтæй фæуы. Скъоладзауты сихоры меню æвзарынц ныййарджытæ. Уыдонæй хуыздæр æй чи зоны, сæ сывæллон адджынæн цавæр хæринаг бахæрдзæн, уый.
Ныййарджытæ аргъ кæнынц куыд хæринаджы адæн, афтæ йæ температурæйæн дæр. Стъæлтыл сывæллæттæ 10 боны дæргъы цы хæринæгтæ хæрдзысты, уыдон. Меню у ног. Фæнысан дзы кодтой ныййарджыты фиппайнæгтæ. Айстой кæсагæй конд сурфыхонтæ, сæ бæсты фых кæсаг. Карчы фыдæй та райдыдтой пылæу фыцын. Къæдорæй та адджинаг кæнынц. Уый дæр ног хуызы.
Хæринæгты хæрзхъæддзинадмæ сæ цæст дарынц сæрмагонд къамисы уæнгтæ. Се ‘хсæн — ныййарджытæ.
Дегустацийы кæронбæттæны расидтысты æрфарст, дарддæры куыст рацараздзысты уый хынцгæйæ.















