Дзæуджыхъæуы Церетелийы номыл уынджы рагондæр асинты рацарæзт райдыдта. 5-æм гимназмæ цы къахвæндаг цæуы, уый сцалцæг кæндзысты мæйы фæргъы. Фæндаджы уавæр уыд зæрдæхсаинаг. Канд йе ‘ддаг бакаст нæ, фæлæ ма дзуапп нæ лæвæрдта æдасдзинады домæнтæн. Афтæмæй та æрвылбон скъоламæ къахвæндагыл цæуынц сæдæгай сабитæ, стæй сæ ныййарджытæ.
Рацарæзты фæстæ ам фæзындзæн пандустæ дæр, йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы адæмы æнцойдзинадæн.















