Дзæуджыхъæуы администраци архайы горæты æнæзакъонæй арæзтадтæ чи скæны, уыдоны ныхмæ. Ахæм æрхъуыдыджынтæ дзæвгар разыны. Зæгъæм, иу ахæм цау – Чкаловы номыл уынджы цы хойрæгты дукани ис, уый.
Амалхъом адæймæгтæ сфæнд кодтой сæ исбонад «фæуæрæхдæр» кæнын æмæ йæм уæлæмхасæн бæхстыхай, «павильон» кæй хонынц, ахæм æрцарæзтой. Фистæгцæуджыты къахвæндаг æрдæгмæ бацахстой æмæ дзы дуканигæсы балæууын кодтой халсартæ уæй кæнынмæ. Афтæмæй кæд сæ авналæнтæ фæфылдæр сты, уæддæр сæ закъоны бындурыл æрцыбыртæ кодтой. Уæлæмхасæн бæстыхай саразыны тыххæй хъæуы, æнæмæнг, горæты администрациимæ бадзырд бафыссын. Чкаловы уынджы дуканийы хицаумæ ахæм бадзырд нæ разынд æмæ йын бæрнон кусджытæ бахæс кодтой уыцы павильон фехалын. Уымæн ын снысан кодтой14 боны. Фæлæ, ницы! Бæстыхай куыд уыди, афтæ лæууыд. Уæд, префектурæйы кусджытæ бавдæлыдысты æмæ уæлæмхасæн арæзтад сæхæдæг фесафтой. Азымджыны дæр бакусын кодтой, афтæмæй. Ахæм мадзæлттæ Дзæуджыхъæуы администраци фæнд кæны хæстæгдæр рæстæг фæфылдæр кæнын. Горæты цы æнæзакъон бæстыхæйттæ арæзт æрцыд, уыдоны уавæрмæ æркæсдзысты.
















