«Цæгаткавказэнерго» адæмы рæгъмæ хæссы, коммуналон лæггæдтæ чи æххæст кæны, уыцы компанитæй «Россети Цæгат Кавказ»-ы раз æппæты фылдæр хæс чи дары, уыдоны хыгъд.
Бирæфатерон хæдзæрттты лæггæдтæ æххæстгæнæг компаниты хæс 570 милуан сомæй уæлæмæ ахызт. Уыимæ фæстаг азты уыцы нымæц сындæггай рæзы. 300 хæсджын куыстуатæй, æрмæстддæр сæ 20% хæс фидынц афойнадыл. Æппæты фылдæр хæсджын куыстуат дары 38 милуан сомæй фылдæр. Уыимæ æппæты къаддæр чи дары уый хæс та у 15 млуан сомы. Уæхи бон дæр сæ у графикæйыл фенын. Хæдзæртты æмхаларадтæн æмæ разамындæттæг компанитæй сæ фылдæрæн сæ бон хæстæ бафидын нæу. Уый баст у адæмы хардзгонд электрон тых бæлвырд бæрæггæнæнтимæ. Аххосагыл нымайынц электрон тыхы хæрдзтæ цæрджытæ дзæвгар кæй фæфылдæр кæнынц, уый.
Регионы цы нысангонд норматив ис, уый уыцы хæрдзты бæрц раст нæ иртасы. Афтæмæй цæрджытæ электрон тыхæн фидынц нормативмæ гæсгæ, коммуналон лæггæдты æххæстгæнджытæ та нысангондæй фылдæр. Уæд кæнæ хæс скæнынц, кæнæ та лæггæдты хæрзхъæддзинад фæбæрæг вæййы. «Цæгаткавказэнерго» хицауы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Быгъуылты Сосланы ныхæстæм гæсгæ хæсты фарстайыл хъæуы æмдыхæй бакусын. Хорз уаид, иумæйаг пайдагæнæн бынæтты фæстауæрцгæнæн рухсытæй куы пайда кæниккой æмæ ма дзы змæлды датчиктæ куы сæвæриккой, уæд.
















