Абон æгас бæстæйы бæрæг кæнынц тæрхондоны пъырыстыфы бон. Ацы дæсныйады кусын æнцон нæу. Æнæмæнг хъуамæ удыхъæдæй тыхджын уай. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар Цæрикъаты Маринæ тæрхондоны пъырыстыфæй кусы ныр 18 азы дæргъы. Равзæрст дæсныйадыл фæсмон иу бон дæр нæ кодта.
Афтæ — инстркутажæй — райдайы объекты сменæйы хистæр Цæрикъаты Маринæйы кусгæ бон. Бæрæг кæны, йæ дæлбар чи ис, уыдонæн сæ бæлвырдгæнæн гæххæттытæ, сæрмагонд фæрæзтæ æмæ хæцæнгарз цы уавæры сты, уый. Ахсджиаг у алы лыстæгдзинад дæр. Тæрхондоны ӕмбырды размæ дæр уæдæ йæ архайджыты басгæрст æнæмæнг хъуыддаг у. Уый æдасдзинады домæнтæм гæсгæ. Маринæйыл стыр бæрнондзинад ис. Уавæрмæ æнæрлæугæ цæстдард, уыимæ алы уавæрмæ дæр цæттæ.
Тæрхондоны пъырыстыфæй Цæрикъаты Маринæ кусы ныр 18 азы дæргъы. Сæрмагонд уæлæдарæс æмæ пъагонтæ дарын æй йæ сабибонтæй фæстæмæ фæндыд. 2004 азы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты физкультурæ æмæ спорты факультет каст куы фæци, уæд йæ бæллиц йæ къухы бафтыд.
Службæйæ дарддæр ма, Цæрикъаты Маринæ спортæй архайынæн дæр рæстæг ссары. Къуыри дыууæ хатты тренировкæ кæны тиры. 9 азы дæргъы та æхсы хӕстон хӕцӕнгарзӕй. Тæрхондоны пъырыстыфты федералон службæйы управленийы иугонд командæйы хыгъды алыхуызон ерысты уæлахиздзау иу æмæ дыууæ хатты не сси. ацы аз та йæ къухы бафтыд спорты дæсныйы ном райсын.
Маринæйæн кæд уæгъд рæстæг бирæ нæ вæййы, уæддæр рæстæг ссары нывкæнынадæн дæр. Йæ коллекцийы ис алыхуызон жанрты дæсгай нывтæ. Уымæй уæлдай, рауагъта чиныг йæ мыггаджы тыххæй. Информаци æмбырд кодта 4 азы дæргъы.
Удыхъæдæй тыхджын, зæрдæйæ та хæлар. Йæ равзæрст дæсныйадыл Цæрикъаты Маринæ никуы фæфæсмон кодта. Мидслужбæйы лейтенанты хъуыдымæ гæсгæ, йæ дæсныйадыл æнувыд чи у æмæ йе ‘мкусджытимæ хæларæй чи цæры, уый цыфæнды куыстгæнгæйæ дæр амондджын уыдзæн.
















