Дзæуджыхъæуы ацыд æрыгон æрдзирстасджыты æрвылазон æркаст «Æрдззонаг». Конкурс сарæзтой Мамсыраты Дæбейы номыл сывæллæтты чиныгдоны.
Бацархайдтой дзы æппæт республикæйæ 30 скъоладзауы. Сæхи фæлвæрдтой алыхуызон здæхтыты. Экологи, ботаникæ æмæ зоологи. Наукон куыстытыл архайдтой сæ ахуыргæнджытимæ иумæ. Сæ разныхастæн сын аргъ кодтой уæлдæр ахуырадон уагдæтты специалисттæ.
Мадзаларазджытæ — уæлæмхасæн ахуырады центр. Йæ сæйраг нысан у сывæллæттæн баххуыс кæнын фидæны дæсныйад равзарынæн.
















