Горæтгæрон районы æрыгондæр депутат Туаты Инал. Лæппу канд политикон къабазы нæ кусы йæхиуыл, архайы спорты, уыимæ хорз арæхсы хæдтулгæтæ цалцæгкæнынмæ. Инæл ма кусы фæсивæды культурон райрæзтыл.
Хæдтулгæтæ аразыны тыххæй чиныг кæд хорз зоны, уæддæр дзы нæ фæллайы. Алы хатт йæхицæн ног зонындзинæдтæ райсы. Туаты Инал ахуыр кæны механикы дæсныйадыл, Дзæуджыхъæуы бирæпрофилон техникумы æртыккæгæм курсы. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ сабибонтæй фæстæмæ уарзта кæсын йæ фыд хæдтулгæтимæ куыд архайы, уымæ.
Йæ гыццылæй фæстæмæ æмхиц у спортмæ дæр. Арæх архайдта алыхуызон ерысты. Фæстаг 5 азы та æмбылдта ММА-йæ егъау регионалон æмæ æппæтуæрæсеон турнирты. Ноджы ма æнтыстджынæй архайы æфсæддон-патриотон мадзæлтты.
Æрæджы Туаты Инал сси Горæтгæроны районы депутат. Ахæм ахсджиаг хъуыддаджы бацархайын сфæнд кодта йæ тренеры амынддзинадмæ гæсгæ. Уый рагæй бамбæрста лæппуйы егъау гæнæнтæ. Ныр хæстæг 5 азы Инал архайдзæн Октябырьскæйы цæрджыты фарстатæ лыг кæныныл.
Иналæн ацы хъуыддаг у ног æмæ ахсджиаг къæпхæн, уыимæ, хи раргом кæнынæн хорз гæнæн. Баххуыс кæнынмæ йын кæддæриддæр цæттæ сты фæлтæрдджын æмкусджытæ.
Инал дарддæр дæр фæнд кæны архайын фæсивæды культурон райрæзтыл. Уыимæ, кусдзæн Октябрьскæйы æппæт уавæртæ аразыныл дæр.
















