Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыр, уæгъдибар хъæбысхæстæй спорты мастер, композитор æмæ поэт. Тедеты Шаликъойы курдиат у алывæрсыг. Ацы аз ыл сæххæст 83 азы.
«Нæзы бæлæсты къохы» санаторийы ацыд юбиляры сфæлдыстадон изæр. Уæвгæ йын йæ зарджытæ сты республикæйы зындгонд артисттæ репертуары – Билаонты Долорес, Бæцæзаты Юрий, Хадыхъаты Аллæ, Медойты Светланæ, Дауыраты Эдуард, Æлбегаты Аннæ æмæ иннæтæ.
Мадзалы Тедеты Шаликъо йæхæдæг радзырдта йæ сфæлдыстадон фæндаджы тыххæй. У цалдæр æмдзæвгæты æмбырдгонды автор – «Мысли вслух» æмæ «Мои рифмованные строки». Стæй дæсгай музыкалон уацмыстæ.
















