Фестиваль «Амыраны рухс»-ы архайджытæ сæмбырд сты Дзæуджыхъæуы Фæсивæды галуаны. Уым кадджын уавæры схорзæхджын кодтой ирон национ театрты фестивалы уæлахиздзауты. Равзæрстой сæ 6 номинацимæ гæсгæ. Жюрийы уæнгтæн уый æнцон хъуыддаг нæ уыд. Афæдзæй-афæдзмæ архайджыты нымæц рæзы, сæ курдиат та бирæвæрсыгдæр кæны. Иууылдæр драматурги æмæ ирон театралон традицитæ базонын нымайынц сæ сæйрагдæр хæсыл.
Сценæйыл сфæлдыстадон къордты архайджытæ сæ курдиат æмæ тыхтæ не ‘вгъау кæнынц. Алы сывæллоны дæр фæнды уæлахиздзау суæвын. Се ‘хсæн Кокайты Динарæ дæр. Чызг кæд йæ фидæн актёры дæсныйадимæ не сбæтдзæн, уæддæр æй фæнды фæлтæрддзинад райсын. Уæлдай æхсызгон та йын у, ног хæлæрттæ ссарын.
Ацы аз фестивалы республикæйы районтæй архайдтой 200 сфæлдыстадон къорды. Æдæппæтæй мин сывæллонæй фылдæр. Се ‘хсæн Хуссар Ирыстон æмæ Лабæйы минæвæрттæ дæр. Сæ фылдæр «Амыраны рухс»-ы фыццаг хатт нæ архайынц.
Фестиваль ацыд дыууæ къæпхæнæй: фыццаг — муниципалон, онлайн хуызы, æмæ финал. 8 номинацимæ гæсгæ фæсивæды арæхстдзинадæн аргъ скодтой жюрийы уæнгтæ. Се ‘хсæн — ирон театрты актёртæ. «Амыраны рухс»-ы сæйраг нысан канд аивадон рæзт нæу, фæлæ ма мадæлон æвзагмæ æрыгон адæмы ӕргом раздахын.
Уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцыдысты Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. 6 азы дæргъы мадзал бацæттæ кæны фæсивæдон театр «Амыран». Конкурс аразджытæ йæ фидарæй зонынц, сæ гæнæнтæ ноджы парахатдæр кæй кæндзысты, уый. Сæйрагдæр та ирон æвзаг æмæ аивады райрæзтмæ бавæрд та ноджы фылдæр кæй кæндзæн.
















