Спорты галуан «Манеж»-ы æрцыд зынгсирвæзт. Бæлвырддæр та, уæллаг уæлæдарæс кæм вæййы, уыцы бынаты. Ахæм, æрымысгæ цаумæ гæсгæ, ацыдысты ирвæзынгæнджыты тактикон ахуыртæ. Архайдтой дзы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ завод «Победит»-ы зынгхуыссынгæнæн-бархион къорды уæнгтæ. Пайда кодтой сæрмагонд гæрзтæй æмæ асинтæй.
Æдæппæтæй ахуырты сæ арæхстдзинад равдыстой 89 адæймаджы æмæ техникæйы 27 иуæджы. Бæлвырд æмгъуыдæй раздæр арт ахуыссын кодтой. Æнæнхъæлæджы цауты министрады архайдæй специалисттæ разыйæ баззадысты.
















